Сценарий праздника Дæ фарн бирæ уæд, сылгоймаг!

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

1

Дæ фарн бирæ уæд , сылгоймаг!

Цæуынц дæ номæй

Амонд æмæ фарн,

Бæркæдтæн дæр

Сæ ратæдзæн - дæ арм.

Æнустæм дын

Кæндзысты кад,

Нæ цин, нæ фарн -

Сылгоймаг, мад!


1. Хæхбæстæм уалдзыгон комулæфтимæ æрбакъахдзæф кæны фыццаг рæхснæг удыгагайы хуызæн дидинджытимæ сылгоймæгты кадджын бæрæгбон, æмæ уæ йæ хорзæх уæд.
2. Уалдзæг ацы бæрæгбонæй кæй райдайы, уый бирæйыл дзурæг у. 8 Мартъийæн ис намысджын истории, æмæ кæддæр адæмæн кæй фехъусын кодтой, уыцы хъуыдытæ æххæстгонд кæй цæуынц, уый хорз у. Сылгоймæгтæ равдыстой, наукæйы, спорты æмæ æхсæнадон царды сæ бон бирæтæ кæй у, уый. Ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, социалон къабазы æмæ базарады бæрнон бынæттæ ахсгæйæ, сылгоймæгтæ абон архайынц сæхи бизнесы æмæ политикæйы равдисыныл.


3. Зынаргъ Ирыстоны сылгоймæгтæ! Уалдзæджы сæйраг бæрæгбоны - 8 Мартъийы - фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнæм! Уадз æмæ уын канд бæрæгбæтты нæ, фæлæ æрвылбон дæр уарзондзинады ныхас дзурой! Уадз æмæ уæ цуры кæддæриддæр аккаг нæлгоймæгтæ уой! Рагæйдæр Иристоны сылгоймагæн уыд стыр кад. Уадз æмæ афтæ кæддæриддæр уа! Сылгоймаг у къонадарæг. Сылгоймаджы куырыхондзинад æмæ йе' нувыддзинад бинонты фидар кæнынц.



(Джыккаты Шамил) 4. Сылгоймаг Дæ уарзт - æвдадз, дæ рæсугъддзинад - цин, Цы скодта Æрдз, ды уыдонæн - сæ уаздæр!.. Дæуæн куывтой уæларвон зæдтæй раздæр, Дæуæн нымдæй табу кæнын - мæ дин. Ды хъуамæ уай нæртон лæгæй æхсин. Уæддæр зын у дæ бæрзонд хъысмæт цасдæр: Кæндзæн дыл дау æдзæллагæй сылваз дæр, Ысхондзæн дæу хуызыцæуæг дæр хин. Ды та нæ цард, нæ амондæн æгæр дæ, Дæ сурæт - хур - рæдау æмæ сыгъдæг, Гуырысхотæй сæхи фауынц сæлхæртæ. Дæ уарзты стъалы чи ссары æцæг, Фæкалы уымæн мигътæй дæр цæхæртæ, Ды скæныс уый хъайтар æмæ цæрæг.

5. О женщинах легко ль мужчинам говорить?

Ни брату, ни отцу, ни мужу не раскрыть

Всей силы красоты, что в женщине таится,

Способной окрылить, сразить и покорить,

Ты, женщина - цветок, источник и звезда,

Таинственна, нежна, прекрасна и горда;

Ты - пламя очага, тепло семьи и дома,

Ты - свет, что на Земле не гаснет никогда!
6. Авдæнæй дæ йæ хъæбысмæ систа дæ мад. Бахудти дæм. Дæ русыл дын йæ рус авæрдта. Дзурын нæма зыдтай, фæлæ бамбæрстай мады хъарм былты æхцонад, йæ худгæ цæстыты рухс. «Мæ хъæбул!» - зæрдæйы арфæй гуыргæ дзырдты азæлд. 7. Нæма зыдтай цæуын, фæлæ мадæн æхсызгон уыдис, дæ къæхтыл дæ зæхмæ куы 'руагъта, куы асанчъех кодтай, уæд. Стыр у зæхх, фæлæ дæ дæ мад авдæны кæм ауызта, зæххыл кæм æрлæууыдтæ, уый у дæ Райгуырæн зæхх. Адæймаг иу хатт райгуыры æмæ йын нæ вæййы дыууæ Райгуырæны. Дунемæ дæ цы мад рауагъта, цы зæххыл бахъомыл дæ, уыдонæй зынаргъдæр дын ницы ис. Кæд афтæ у, уæд сæ хъæуы уарзын æмæ хъахъхъæнын.

8. Мæ дзæбæх мад! (Ходы Камал) Мæ дзæбæх мад! Цы дын зæгъон - Нæ зонын. Мæн тыххæй цас Фылдæр сагъæс Æвзарыс, Фылдæр мæ уыйас Уарзыс. Фыдуаг фæдæн… Фæрсдзынæ мæ: -Куыд фыдуаг? - Лæппу куыд вæййы, Афтæ: Æнæрæнцой, Æргомныхас, Æнæрцæф, Ысгуыхтуарзаг - Ирон лæппу Цæрæццаг. Мæ дзæбæх мад! Мæ уды уд! Æз уарзын
Дæ фæлмæн дзырд, Дæ къæхты хъæр, Дæ бахудт, Дæ конд кæрдзын… Куы ахизай Налхъуыт-налмасы сæрты, Куы нæ хъусон, Дæ ныстуантæм Гъе афтæ, Хæххон суадонæн Ку' ацæуай Йæ рæзты Æмæ куы суадзай Къадайæ Дæ дойны, Раст афтæ æз Дæ ныстуантыл Куы тигъ кæнон Мæхи, - Ныббар-иу мын: У сонты дуг Цырен арт - Хæд-зонд уæвынæн Ралæудзæни Рад!

9. Æхсæнады сылгоймаг цæмæй йæхи бынат ссардтаид, уый та афтæ æнцон нæ уыди. Бирæ цæлхдуртæ лæууыд йæ размæ. Ирон сылгоймагæн бирæ азты дæргъы йæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты ахуырмæ, наукæмæ, аивадмæ. Æмæ уыцы уæззау рæстæджыты тар, мылазон мигътæ Ирыстоны сæрмæ сæхи ныллæг куы 'руагътой, нæ сылгоймæгтæн сæ рыст зæрдæтæ сæрибары хуры тынты рæвдыдæй æнæ хай куы уыдысты, уæд фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг Кочысаты Розæ уæндонæй сдзырдта, цæмæй нæ ирон сылгоймæгтæн, нæ чызджытæн фадат уа ахуырмæ бацæуынæн, æмæ сæ фервæзын кæной ирæдæй. Уый тыххæй ныффыста тыхджын публицистон уац «Нæ Иры чызджытæм». Кочысаты Розæйы уæды фæдисы хъæр фехъуыст Ирыстоны мингай сылгоймæгтæм, æмæ сæ бартыл сдзурын бацис сæ бон.
10. Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цæгæраты Максимы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы мады, сылгоймаджы сурæт. Уый ныййарæг мадæн, йæ бирæ фыдæбæттæн æмæ тухитæн кодта уæлдай стырдæр аргъ. Ууыл дзурæг у Максимы уац « Бæсты фидауц - сылгоймаг».
11.Цард, æвæццæгæн, æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у адунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст æнкъарæнтæ. …Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.

12. «Дæ сæрылхаст фæуон»… « Цард дын фестон»… «Дзыцца дын дæ рынтæ бахæра»… Кæй сомытæ, кæй арфæтæ сты уыдон? Чи нын фæисы йæхимæ нæ низ, нæ тухитæ? Чи 'рхæссы нæ сæрыл йæ уд нывондæн? Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, алкæмæн дæр æрмæстдæр иунæг хатт чи вæййы, уыцы фæлмæнзæрдæ мад!

13.Мадæн иунæг ном йеддæмæ нæй. Мад алы æвзагыл дæр мад у. Фыццаджыдæр уый ном скæрды не 'взæг. Йæ хур дæр уый номимæ аныгуылы адæймагыл. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæххимæ дæр ын уымæн барæм йæ ном. Уыдонæй зынаргъдæр, уыдонæй сыгъдæгдæр нын ницы ис дунейыл.

14. Встаньте все и выслушайте стоя

Сохраненное во всей красе,

Слово это - древнее, святое!

Распрямитесь! Встаньте! Встаньте все!

Слово это сроду не обманет,

В нем сокрыто жизни существо.

В нем - исток всего. Ему конца нет.

Встаньте! Я произношу его «Мама»

(Р.Гамзатов)
15.Зæххы цъарыл цыдæриддæр зарæгæй ис, уыдонæй, авдæны зарæгæй хистæр ничи у. Уый райгуыры мады зæрдæйы, йæ бæллицтæй, йæ сæнттæй. Алы зæрдæйы дæр райгуыры йæхи зарæг, бæстыл ын зынаргъдæр чи вæййы, уый номыл.

16. Цас æмæ цас уыдысты Иры номдзыд, намысджын сылгоймæгтæ! Задæлескы нана… Иры фæстаг хъæстæ чи бахъахъхъæдта, Иры бынсæфт кæнын чи нæ бауагъта, йæ ном æнустæм арфæйагæй кæмæн баззад, уыцы хæххон сылгомаг! Кæнæ Гокъонаты лæгæмдых хъæбатыр Чабæ. Кæддæр туджджынты чи фидауын кодта, уыцы æрдхæрæны сæрбæттæн карз тохы амондмæ бырсджыты сæрмæ сырх тырысайау чи систа, уыцы Чабæ! Æмæ чи фæлæууыдаид, чи бамбæхстаид йæ сæр ахæм заман?! Чи æрхастаид йæ сæрмæ «усы кæрдæны мыггагмæ фæцæуын».

17. Кæддæр Иры быдырты фыццаг трактор куы фæзынд, уæд ууыл нæлгоймæгты разæй чи сбадти, уалдзыгон ауæдз чи акодта, уый уыди Уырымты æрыгон Мария. Бирæ уыдысты уыцы заман Марияйы хуызæн ног цард аразынмæ зæрдиагæй чи бавнæлдта, нæлгоймæгты æмрæнхъ ныфсджынæй чи æрлæууыд, уыдон. Мингай сылгоймæгтæн дардыл айхъуыстысты сæ кады нæмттæ.
18. Æхсæрысæйраг Боллоты Поли… Фыццаг ирон сылгоймаг Социлистон Фæллойы Хъæбатыр. Хуымæтæджы колхозон сылгоймаг.
19. Ирон сылгоймаг ахуыргæндтæ: Дзугаты Соня, Туаты Оля, Бутаты Фатимæ, Цагъаты Анастасия, Хуыбецты Руфимæ, Габанты Ирæ, Хетæгкаты Зарæ, Къомайты Риммæ… Нæ аивады кад æмæ намыс- Советон Цæдисы адæмон артисттæ Дудараты Вероникæ æмæ Адырхаты Светланæ, Хъæрджынты Варя, Икъаты Серафин, Брытъиаты Зариффæ, Баллаты Надя, Тугъанаты Дзерассæ, Хуыбецты Рая, Туменаты Еленæ, Хъариаты Тамарæ, Беккуызарты Орзетæ, Реуазты Симæ, Мыстулаты Ирæ, Уыртаты Верæ, Билаонты Долорес… Уыдон махæн сты фæзминаг.
20. Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæрты мад… Хъалæгаты уæздан Хангуассæ, Кобегкаты авд æдзард æфсымæрты мад, Хъесаты фондз æфсымæры мад, Дыгуры æвзыгъд лæппуты мад… Куыд фидар разындысты!


21. Бирæ стыр лæгтæ загътой сæ хъуыдытæ мады тыххæй 22. Æппæты хуыздæр мад уый у, æмæ йæ цотæн сæ фыд куы амæлы, уæд сын мад æмæ фыды бæсты дæр чи свæййы. (И.В.Гете)
23.Дунейы фарн мадыл æнцайы. Æнæ хурæй дидинджытæ баруайынц, æнæ уарзтæй амонд ссарæн нæй, æнæ ныййæрæг мадæй нæй поэт æмæ хъæбатыр дæр! (М.Горький)
24.Хъæбулæн мады къухтæй фæлмæндæр «баз» нæй. (В. Гюго)
25.Мах цæрæнбонты дæр кад æмæ намыс кæндзыстæм уыцы сылгоймагæн, кæцыйæн йæ ном хонæм - Мад! (М.Джамиль)
26.Мад адæймæгæн лæвар кæны цард, æнусмæ у йæ хъахъхъæнæг. (Э. Коттон)
27.Нацийы фидæн мадæлтæй аразгæ у. (О. Бальзак) 28.Мад хъæбулæн у йæ Хуыцауы хай æмæ алкæддæр арф æвæрд у йæ зæрдæйы. (У. Теккерей)
29. Ныййарæг. Нæй уымæй зынаргъдæр, уарзондæр ныхас хъæбулæн. Мад хъæбулæн радты цард, схъомыл æй кæны, саразы йæ раст фæндагыл. Стæй та уыцы хъæбулæн дæр йæ хъæбулты хъомыл кæнын райдайы æмæ афтæмæй сæрыстырæй, кадджынæй йæ бабуйы хæстæ дæр зæрдæрайгæйæ æххæст кæны. Нæй кæрон мады фыдæбонæн.

30. Айларты Михал

Ныййарæг мад
Мады зæрдæ хъæбултæм - тæнæг, Мад фæдзуры: «Бахæрон уæ низтæ». Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг, Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ.
Буц хъæбулы афæрсы йæ мад: «Цæй, куыд дæ, мæ рахиз цæст, мæ зæрдæ?» Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад Мады лæггад, удхайраг изæртæ.
Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох! Ма мын райс æнафоны зæрдæниз. Æз дæу тыххæй афæлдахин хох, Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.
Цалынмæ ма удæгас у мад, Гъе уæдмæ йын бафидæм йæ хæрзтæ! Мад нæ цæсты макуы уæд æгад, Кадимæ ныууадзæд нæ йæ фæстæ.
31. Сылгоймаджы кад дæлæмæ нæ уадзынц Ирыстоны абоны фæлтæры сылгоймæгтæ дæр. Уыдонæй бирæтæ кусынц æхсæнады бæрнон бынæтты, кад æмæ радимæ æххæст кæнынц сæ размæвæрд хæстæ. Уыдон сты: РЦИ_Аланийы Парламенты Сæрдар Хабыцаты Ларисæ, нæ республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанты Ларисæ, УФ-йы социалон фæдзæхстады фонды РЦИ-Аланийы регионалон хайады хицау Айларты Зæлинæ, чиныгуадзæн рауагъдад «Ир»-ы директор Кодзырты Жаннæ, нæ Институты ректор Кучиты Людмилæ, медицинон академийы ректор Гæтæгонты Тамарæ, нæ республикæйы Парламенты комитеты сæрдар Токаты Людмилæ, Парламенты æрыгондæр депутат Таболты Тамарæ æмæ иннæтæ.
32. Раст нæ уыдзæн, æмæ нæ Институты историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст цы сылгоймæгтæ æрцыд, уыдоны кой куы нæ скæнæм: Æгъуызарты УарзетÆ, Уртаты Валентинæ, Котова Аннæ, Зæнджиаты Розæ, Макоты Замирæт, Мецъыты Фузæ, Шарохинæ Валентинæ, Цæлыккаты Азæ, Цæллагты Иринæ, Дорохова Еленæ, Хаситы Лидæ æмæ иннæтæ.

33. Нæй мады аккаг ныхæстæ ссарæн. Цыфæнды рæсугъд дзырд дæр, хуры фарсмæ зынджы схъис куыд авæрай, уыйау фæлурс у. Фæлæ, цымæ, мад цы аккаг у, уыйбæрц ын лæггад кæнæм? Уыйбæрц æй рæвдауæм? Уый бæрц ын кад кæнæм? Хицæн адæймаг дæр, паддзахад дæр, æхсæнад æнæхъæнæй дæр. О, фæзынд нæм рæсугъд бæрæгбон - Мады бон. Бæрæг æй кæнæм афæдз иу хатт. Афтæмæй та нæ мады рæвдыд, мады фæлмæн цæстæнгас, мады хъарм узæлд æрвылбон хъæуынц.

34. Мады уарзтæй ма тыхджындæр цы ис?!

Сисдзæн йæ хъæбулы сæрыл фæдис.

Бацæудзæн сау тохы, фестдзæни арт,

Ратдзæн хъæбулы сæрвæлтау йæ цард.

(«Мады уарзт» Темыраты Виктор)

35. Мады фарс ничи ласы, баззад ирон æмбисонд. Мад у нæ ныййарæг, мад у нæ Райгуырæн бæстæ, мад у Дунейы фарн. Æрдз йæхи аивдзæн, хурыл фæлм абаддзæн æнусы цъити искæдбон æртайдзæн - мады зæрдæ та йæхи нæ аивдзæн. Хъахъхъæнæм нæ мадæлты цæстыгагуыйау. Абон йæ ныййарæг мад йæ фарсмæ кæмæн ис, уымæй хъæздыгдæр ничи у. Æмæ стырзæрдæ ма кæнæм уыцы хæзнайыл.

36. Мамиаты Зæлинæ

Ныййарæг - сæууон хур

Бæрзонд арвæй куыд фæкæсы сæууон хур,

Йæ тынтæ нæ куыд фæтавынц æдзух,

Гъе афтæ у ныййарæджы цæстæнгас

Гъе афтæ у йæ уындæй зæрдæ рухс.

Уыдыстæм-иу æгоммæгæс мах арæх,

Зындзырд, фыдзонд. Кæм-иу дын уыд æнцон?

Фæкæсы нæм, цыма-иу нын дæ зарæг

Ды зарыдтæ æрæджы, цыма знон.

Нæ сабидуг сæрибар маргъау атахт,

Нæ цардвæндагыл ' дзух кæм вæййæм раст…

Фæлæ уæддæр та, сабитау, зын сахат

«Кæм дæ, мæ мад?» куы фæзæгъæм æваст.

37. Мад … Йæ фæлмæн ныхас, йæ мидбылты бахудт, йæ цæстæнгас æдзухдæр ауайынц цæстытыл. Цас фыдæбæттæ баййафы царды, куыд быхсы алцæмæндæр, куыд фидар у.

Зын сахат никуы ныууадзы йæ хъæбулы, æдзухдæр æрбалæууы нæ фарсмæ. Циндзинады та уымæй амодджындæр нæ вæййы. Чи бауарздзæн хъæбулы мадæй фылдæр, чи йын бацамондзæн уымæй хуыздæр царды раст фæндаг? Авдæны уæлхъус цас æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста?

38. Чысылæй-иу дæ афтæ тынг нæ уарзтон,

Нæ-иу мæм хъардта афтæ арф дæ дзырд…

Фæлæ ныр-та мæ къæхтæй зæхх куы сбарстон,

Уæд бамбæрстон мæ фæсмойнаг рæдыд…

Æнæдон бæсты лæг куы вæййы балцы,

Уæд базоны æрмæстдæр доны ад…

Куы рацæрæм, куы рахатæм мах алцы,

Æцæг уарзтæй дæ, бауарзæм уæд, мад.

39. Куыд арæх æй нæ фембарæм, йæ зæрдæ барухс кæныны бæсты йын зындзинæдтæ æрхæссæм.

Вместе: Мад, кæмдæриддæр дæ, ныллæг дын кувæм, арфæйаг у.

40. Цæуынц дæ номæй

Амонд æмæ фарн,

Бæркæдтæн дæр

Сæ ратæдзæн - дæ арм.

41. Æнустæм дын

Кæндзысты кад,

Нæ цин, нæ фарн -

Сылгоймаг, мад!

42. Æз- сылгоймаг-цардаразæг фарн дæн,

Кувут,лæгтæ, иууылдæр мæнæн,

Æз бæллицц дæн,дидинджыты тау дæн,

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн


© 2010-2022